Спортсментæ райдыдтой сæхи Уæрæсейы чемпионатмæ уæгъдибар хъæбысхæсты цæттæ кæнын. Хæдарцаты Махарбеджы номыл академийы æрымбырд сты Цæгат Ирыстоны, Болгари æмæ Узбекистаны богæлттæ. Спорстментæ архайынц сæ æрвылбоны фæлварæнтыл. Уæрæсейы чемпионатмæ сæхи цæттæ кæндзысты цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Богæлтты иу къорд сæхи цæттæ кæндзысты нæ республикæйы, иннæтæ та ацæудзысты Гуырдзыйы æппæтадæмон турнирмæ.
Традицимæ гæсгæ, майдантыл тох кæндзысты Цæгат Ирыстоны æмæ Дагестаны богæлттæ. Фылдæр тох цæудзæн у 70 киллограмы онг уæзы. Ацы категорийы йæ цæттæдзинад равдисдзæн Рæмонты Сослан. Йæ ныхмæлæууæг у Дагестайнаг спортсмен Магомед Курбаналиев. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм æмæ Уæрæсейы чемпионат уыдзæн июлы кæрон.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
/ irystontv
twitter.com/irystontv
Watch video Ерыстæм цæттæ кæнынц online without registration, duration hours minute second in high quality. This video was added by user iRYSTON TV 28 June 2018, don't forget to share it with your friends and acquaintances, it has been viewed on our site 30 once and liked it 0 people.