Нæ фыдæлты фарн хъахъхъæны

Published: 07 March 2019
on channel: iRYSTON TV
89
2

Кæд раздæр æндадзæг, амайæг, механик, электрик æмæ æндæр ахæм куыстытыл æрмæст нæлгоймæгтæ хæст уыдысты, уæд ныртæккæ афтæ нал у. Сылгоймæгты нал фæнды лæгты фæсаууон лæууын æмæ суанг тæккæ зындæр дæсныйæдтæм дæр сæхи сарæзтой. Шофыртæ, пъæлицæйæгтæ æмæ ма суанг зынгхуыссынгæнджытæ дæр сты. Ахæм хъуыдыйыл хæст у нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр. Бавдæлд, æмæ кусын райдыдта згъæртимæ. Уыцы дæсныйад йæхицæн канд 8-æм Мартъийы лæварыл нæ нымайы.

Ацы нарæгастæу чызг нæлгоймаджы кусæнгæрзтæ йæ къухмæ арæх райсы. Хырхытæ, æмæ æндæр ахæм дзауматæй архайы згъæртæ кæрдыныл. Багаты Дзерассæ æрвылбон йæхи къухтæй саразы æвæджиауы цыргъæгтæ, саив сæ кæны алыхуызон нывæфтыдтæй. Куыд зæгъы, афтæмæй тынг фæцалх ис ахæм куыстыл.

Ацы æрмдæсныйадыл Багаты Дзерассæ æнувыд у ныр 4 азы. Райдыдта чысыл цæмæйдæрты. Скъолайы бауарзта ныв кæнын, ахуыр кодта скифты æмæ сæрмæтты истори, йе `ргом здæхта алыхуызон нывæфтыдтæм. Фæлæ аивадон училищæйы бæсты бацыд Хæххон-металлургон институтмæ. Уырдæм æй згъæртæм уарзондзинад не `рбахуыдта, мыййаг. Фæндыд æй нæ рагфыдæлты культурæ æмæ историон бынтæ бахъахъхъæнын.

Йæ куыстытæ тынг хицæн кæнын иннæтæй. Сты тынг лыстæг конд. Уый бафиппайынц, йемæ чи кусы, уыцы æрмдæснытæ иууылдæр. Йе `рмадзы разамынд куыд зæгъы, афтæмæй чызджытæ ахæм лыстæг куыстмæ дзæвгар æвзыгъддæр сты.

Фæлæ цыфæнды куы уа, уæддæр сылгоймагæн алы хæстæ сæххæст кæнын йæ бон нæу. Стыр тыхтæ хардз кæнын кæм хъæуы, уыдонæй сылгоймаджы хъæуы хизын. Æмæ ахæм æххуысæй Багаты Дзерассæ цух нæу. Цы зоны, уый йын хорз æнтысы - нывæфтыд хæрзаив кæнын. Йæ куысты хæрзхъæддзинадыл канд йæ хæлæрттæ нæ, фæлæ йæхæдæг дæр дызæрдыг нæ кæны.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
   / irystontv  
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv


Watch video Нæ фыдæлты фарн хъахъхъæны online without registration, duration hours minute second in high quality. This video was added by user iRYSTON TV 07 March 2019, don't forget to share it with your friends and acquaintances, it has been viewed on our site 89 once and liked it 2 people.